филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:42 среда, 22 мая 2024
25 июля 2023, 11:19
УФ-йы хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Оксана Лут кусæг балцы уыд Цæгат Ирыстоны.

абæрæг кодта республикæйы районты арæзтадон бæстыхæйттæ

УФ-йы хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Оксана Лут кусæг балцы уыд Цæгат Ирыстоны. Бабæрæг кодта республикæйы районты арæзтадон бæстыхæйттæ. Цавæр хатдзæгтæ скодта, Ирыстоны куыстуæттæ фенгæйæ, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Оксана Луты кусæг балцы фыццаг бынат уыд Цыколайы спортивон – дзæбæхгæнæн комплекс. Аразынц æй паддзахадон программæ «Хъæууон территориты комплексон рæзт»-мæ гæсгæ. У Æрæфы районы фыццаг стыр спортивон объект. Архайæн дзы уыдзæн хъæбысхæстæй, боксæй, уæззау атлетикæйæ, аэробикæйæ æмæ афтæ дарддæр. Уымæй уæлдай ма алы залы дæр ис тренерты уаттæ, стæй хи найæн бынæттæ дæр. Бæстыхай аразын райдыдтой 2021-æм азы, сæрды. Нысанмæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз, фыццæгæм сентябры.

Дарддæр абалц кодтой Цыколайы Фадзайты Арсены номыл сывæллæтты спортивон скъоламæ. Скæндзысты дзы бындурон цалцæг. Районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омар куыд зæгъы, фатæмæй ацы скъолайы архайдзысты канд Цыколайы цæрæг сывæллæттæ нæ, фæлæ ма хæстæгдæр хъæуты сабитæ дæр.

Оксана Лут бабæрæг кодта Дыгуры районы фосдарынады комплекс дæр. Хæдзарадыл цæуы 10 азæй фылдæр. Фæллой дзы кæнынц 30 адæймаджы онг. Ныридæгæн хæдзарады ис стурвосы 500 сæрæй фылдæр. Проект царды рауадзыны тыххæй нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министрадæй цалдæр хатты хæдзарады разамынд райста гранттæ.

Уæдæ хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг бабæрæг кодта Кæрдзыны кæсагдарæн куыстуат дæр. Ис дзы валергæсаг бирæ кæнынæн 16  бассейны. Афæдзмæ саразынц кæсаджы 100 тонны онг. Ис дзы сæрмагонд инкубатор дæр. Сæвæрынц дзы, 20 граммы онг цы кæсæгтæ ласынц, уыдоны. Уый фæстæ та сæ рауадзынц сæйраг бассейнтæм. Куыстуатæн æххуыс кæны паддзахад дæр. Райста грант.

Кусæг балцы фæлгæты ацыдысты, Бруты цы скъола аразынц, уый уынæг дæр. Аразын æй райдыдтой фарон. Бæстыхай арæзт уыдзæн 200 адæймагæн. Уыдзæн дзы спортивон зал, цæлгæнæн, стæй се нæниздзинад хъыгдард цы сывæллæттæн у, уыдонæн хæрдмæисæн фæрæз. Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан куыд загъта, афтæмæй ног скъолайы руаджы сывæллæттæн фадат уыдзæн сæ райгуырæн хъæуы ахуыр кæнынæн.

Кусæг балцы кæронбæттæны бабæрæг кодтой Хуымæллæджы спортивон комплекс. Уыцы иу рæстæг дзы архайыны фадат уыдзæн 50 адæймагæн. Ис дзы уæгъдибар хъæбысхæсты, боксы æмæ армрестлингы залтæ.

Оксана Лут фембæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ дæр. Æмбырды æрдзырдтой, республикæйыл цы программæтæ ахадынц, уыдон царды рауадзынæн цы хъæуы, ууыл, стæй фидæны нысантыл.

Республикæйы сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстон у, Цæгат Кавказы федералон зылды хъæууон хæдзарады къабазы паддзахадон программæтæ царды чи уадзы, уыцы хуыздæр регионтæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania