Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, ахæм мадзæлттæ ма цыдысты Советон рæстæджы дæр. Фæлæ 1991-æм азы турнир нал кодтой.
Баст у, Дауны синдромæй рынчын чи у, уыцы сывæллæтты тыххæй информаци парахат кæныны мæйонимæ.
Сырх Стъалыйы ордены кавалер дæр уыд ацы техникумы рауагъдон. Ахуыргæнæндоны кусы æфсæддон-патриотон клуб, уым лæппуты иттæг хорз цæттæ кæнынц æфсады службæ кæнынмæ.
Бæрæгбон нымад у æппæты ахсджиагдæрыл Куадзæны фæстæ. Абон диныл хæст адæм фæкувынц Мады Майрæммæ æмæ йыл фæфæдзæхсынц сæхи æмæ сæ бинонты.
Йæ фæлгæты уыд ирон культурæйы бон. Программæмæ хаст æрцыдысты ирон адæмы национ æууæлтæ. Адæмон зарджытæ, кæфтытæ, уацмыстæ.
Æмæ æрзылдысты Дзæуджыхъæуы хæдзæртты кæртытыл. Бæстон æркастысты сæ аивдзинадмæ. Ацы хатт стыр æргом аздæхтой Котовскийы уынджы хæдзæртты кæртытæм.
Уæрæсейы Президенты æхсæнадон исæнуатмæ æрбацыд 23 адæймаджы. Сæ фылдæры тыхсын кодтой сæ царды хабæрттæ.
Бирæтæ зæгъдзысты, цы дзы ис уадиссагæй. Фæлæ цæст канд йæ дизайныл не рхæццæн.
Станицæйы цардæрфыст райдыдта 1838 азы. Уæд Уæрæсейы империйы хицауад Арвыкомы фæндаг фæфидар кæныны тыххæй райдыдта аразын хъахъхъæнынадон лини.
Адæмы зæрдæмæ ацы ногдзинæдтæ хъуамæ фæцæуой, уымæн æмæ зынгæ фенцондæр уыдзæн сæ архайд. Пенсион фондæй дарддæр СНИЛС райсæн ис бирæвæрсыг центрты дæр.
Авджы куыстгæнæн завод «Соло» байгом æрæджы, æмæ йе нтыстдзинæдтæ æвзæр не сты.
Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты рагæй. Дондзæуæн хæтæлтæ уыдысты зæронд, æмæ сæ куыст, куыд æмбæлы, афтæ нал кодтой.
ннæ аз ыл сæххæст уыдзæн 100 азы. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у математикæйы ахуыргæнæг, фæлæ ныр дæр у уæнгрог æмæ зæрдæхъæлдзæг.
Куыстытæ ныридæгæн цæуынц Миллеры уынджы 4 хæдзары. Аив сын кæнынц се ддаг бакаст æмæ ивынц бæстыхæйттæ сæртæ.