Думæйы фракци «Рæстдзæвин Уæрæсе»-йы разамонæг Сергей Миронв куыд зæгъы, афтæмæй тæссаг у, æмæ хæстæгдæр рæстæг таксийы фиддонтæ сырæздзысты. Уый уымæн, æмæ Паддзахадон Думæйы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ æрæджы дзыллон информацион фæрæзты фехъусын кодтой, дыккаг бакастмæ цы закъоны проект бацæттæ кодтой уый. Баст у паддзахадон цæстдардимæ таксийы къабазы куыстмæ. Сæ фæнд у фæсарæйнаг фирмæтæ аиуварс кæнын, […]
Тъæмисчъы цæуы æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй». Райдыдта 1-æм июны. Проекты архайы 210 адæймаджы Цæгат Кавказы федералон зылдæй, Санкт-Петербургæй, Калининградæй, Грекъæй, Казахстанæй, Кыргызстанæй, Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Се хсæн сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы фæсивæд дæр. Фондз боны сын специалисттæ араздзысты ахуырадон тренингтæ, архайджытæ фембæлдзысты æхсæнады минæвæрттимæ, спортсментимæ, артисттимæ. Уымæй уæлдай […]
Ног нымæцон хуызы телеуынынадмæ ныридæгæн кæсын райдыдтой Нартыхъæуы дæр. Пенсиисæг Кæсæбиты Соня æнцонтæй сарæхсти ног кусæнгарзмæ. Æвæстиатæй дзы равзæрста, цы каналтæм кæсдзæн, уыдоны хыгъд. Фылдæр уарзы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй кинонывтæм кæсын. Уымæн æмæ уыцы тугкалæн хæст йæ царды ахсы хицæн, уыимæ арфдæр бынат.»Мæнæй хъæздыгдæр нæй», – зæгъы Кæсæбиты-Дулаты Соня. Æппынæдзухдæр йæ уарзон хæстæджытæ, æмбæлттæ […]
Республикæйы ахуыссын кодтой аналогон телесигнал. Раивтой йæ нымæцонæй. Ныр адæмæн фадат уыдзæни 20 каналмæ лæвар кæсынæн. Уыимæ, ПТРК-Аланийы программæтæм æмæ æртæ радиоканалмæ. 2011-æм азы Цæгат Ирыстон сси, тесты хуызы нымæцон сигналдæттæг кусæнгæрзтæ кæм скусын кодтой, ахæм фыццаг регион. Ныртæккæ нымæцон сигнал æххæссыд республикæйы цæрджыты 99%-ыл. Сигнал райсын сæ бон у нырыккон телевизортæн. Æппæт фарстатæн дзуæппытæ […]