филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:30 пятница, 26 апреля 2024
25 июня 2020, 16:21
Æрыдоны центрон рынчындоны кусджытæ цæттæ кæнынц се рвылбоны куысты фæткмæ

Терапевтон хайад дезинфекци скæнынæн ацыд 3 боны

Æрæджы Владимир Путин коронавирусимæ баст уавæры тыххæй цы раныхас сарæзта, уым æргом здæхт æрцыд, æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы кусджытæн цавæр паддзахадон æххуыс цæуы, уый тыххæй. Уыимæ ма дарддæр дæр цæудзæн æххуыс. Медицинæйы фыццаградон фарстатæ фæхуыздæр кæнынæн цы программæ арæзт æрцыд, уый царды рауадзынæн  радих кæндзысты 500 милуан сомы.

Ног вирусы ныхмæ бахъуыд æрлæууын нæ республикæйы дохтырты дæр. Æрыдоны центрон рынчындоны кусджытæ дæр се вæрæн бахастой ацы бæрнон хъуыддагмæ. Ныр рынчындон æмæ медицинон персонал сæхи цæттæ кæнынц се рвылбоны куысты фæткмæ.

Терапевтон хайад дезинфекци скæнынæн ацыд 3 боны. Июны райдиан дæр ма 15 сынтæджы уыдысты рынчынтæй дзаг. Абон палатæтæ, уыимæ рынчындон йæхæдæг дæр у афтид, фæлæ цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ, цæмæй се рвылбоны куыстмæ рахизой, уый тыххæй.

Майы астæуæй июны онг рынчындон куыста сæрмагонд домæнтæм гæсгæ, ам дзæбæх кодтой æрмæстдæр ног вирусæй рынчынты. Рæстæгмæ нымад уыд Республикон клиникон рынчындоны дæлхайадыл. Рынчындоны æппæт 135 сынтæджы дзаг уыдысты адæмæй. Куыддæр ног вирусæй рынчынты нымæц къаддæр кæнын райдыта, афтæ хаст æрцыд уынаффæ, æрвылбоны фæткмæ рахизыны тыххæй. Цы 40 рынчыны ма сæм уыд, уыдоны та раивтой республикон клиникон рынчындонмæ.

Дезинфекци скодтой рынчындоны 6 хайады, уый та у 126 бынаты. Йæ кусджыты та 2 къуырийы арвыстой карантины. Уый фæста ног тыхтимæ æрлæудзысты сæ комкоммæйы хæстлæвæрдтæ æххæст кæнынмæ. Æххуыс кæнын алы низтимæ сæм цы рынчынтæ æрбацæуы, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania