филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:27 пятница, 26 апреля 2024
18 ноября 2019, 17:45
Битарты Вячеславы разамындæй проектон офисы радон æмбырды архайджытæ систы æрыгон дохтыртæ

Дзгойты Алан æмæ Хъазиты Тимур программæ «Медицинæ»-йы фæлгæты ахуыр кодтой Санкт-Петербурджы æмæ Рязаны егъау клиникæты

Битарты Вячеславы разамындæй проектон офисы радон æмбырды архайджытæ систы æрыгон дохтыртæ. Дзгойты Алан æмæ Хъазиты Тимур программæ «Медицинæ»-йы фæлгæты ахуыр кодтой Санкт-Петербурджы æмæ Рязаны егъау клиникæты. Битарты Вячеслав загъта, ахсджиаг кæй у, цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй бынаты ахадгæйæ куыд пайда кæной æмæ се вæрæн медицинæйы райрæзтмæ куыд хæссой. Уыимæ бафиппайдта, хицауад кæй архайдзæн æппæт мадзæлттыл, цæмæй æрыгон специалисттæн сæ бон уа республикæйы кусын. Хъазиты Тимур куыд бафиппайдта, афтæмæй йын ахсджиаг уыд  Рязаны дохтырты фæлтæрддзинад æмæ сæ ифтонгдзинад фенын. Ис сæм æнтыстдзинад лапароскопийæйы хирургийæйы. Ис сæм нырыккондæр кусæнгæрзтæ. Уыимæ рынчындæтты ис сæрмагонд центртæ, дохтыр йæхи фидæны операцимæ кæм бацæттæ кæны, ахæм. Уыцы хъуыды фæцыд Битарты Вячеславы зæрдæмæ æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрæн бахæс кодта, нæ республикæйы рынчындæтты дæр ахæм кабинеттæ байгом кæнын.

Дохтырты цæттæдзинадыл дзургæйæ травматолог Дзгойты Алан бафиппайдта, нырыккон дуджы, медицинæ размæ стыр къахдзæфтæ куы акодта, уæд ахсджиаг у, цæмæй алы дохтыр дæр архайа сæрмагонд конференциты, симпозиумты, форумты. Ацы хъуыдыимæ разы у Битарты Вячеслав, æмæ министрадæн бахæс кодта, цæмæй  ацы фарстайы дохтыртæн æххуыс кæной ведомствæйы специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania