филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:49 суббота, 27 апреля 2024
06 февраля 2020, 12:46
Дзæуджыхъæуы ногæй кусын райдыдта, адæм бирæ азты цы планетаримæ æнхъæлмæ кастысты, уый

Уыимæ ма нæм байгом, нæ бæстæйы æмбал кæмæн нæй, ахæм космосон центр дæр

Дзæуджыхъæуы ногæй кусын райдыдта, адæм бирæ азты цы планетаримæ æнхъæлмæ кастысты, уый. Уыимæ ма нæм байгом, нæ бæстæйы æмбал кæмæн нæй, ахæм космосон центр дæр. Ам хъомыл кæндзысты, уæларвон тыгъдад йæ царды стырдæр бæллиц кæмæн у, уыцы сывæллæттæ. Æмæ канд нæ республикæйæ нæ, фæлæ æндæр регионтæй дæр. Центр байгом кадджын уавæры, чи дзы архайдта æмæ дзы цæст цæуыл æрхæццæн, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Космонавтикæйы ног скъолайы фыццаг ахуырдзаутæй иу дзуры, хурмæ гæсгæ рæстæг куыд ис сбæрæг кæнæн. Кадджын мадзалы архайынц, уæларвон бæрзæндмæ ссæуын кæй къухы бафтыд, уыдон. Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Владимир Джанибеков, уый гом тыгъдадмæ се ппæтæй фылдæр хатт рацыд æмæ Уæрæсейы хъæбатыр Александр Лазуткин. Иумæ байгом кодтой Ирыстоны зæххыл уæларвтæм фæндаг чи ратдзæн, ахæм скъола.

Ирыстоны бирæ азты æнхъæлмæ кастысты, уарзон планетарий ногæй кæд байгом кæндзысты, фæлæ уый хыгъд сырæзт æнæхъæн центр. Уый уыд  космосон кусæнгæрзты конструктор Къомайты Русланы фæндон. Царды рауадзынмæ та баххуыс кодта республикæйы сæргълæууæг. Арæзтадмæ хаст æрцыдысты æнæбюджетон фæрæзтæ.

Центр ифтонг у нырыккон кусæнгæрзтæй. Ам ис, фидæнмæ дæ чи ахæстдзæн, ахæм науы пульт дæр. Йæ хъуыдытæ уæларвон стъалытимæ баст кæмæн сты, уыцы лæппутæн ацы бынат суыдзæн уарзондæртæй иу. Хистæр къалæсты ахуырдзау Алкацаты Алан  æрбацыд, цæмæй йæ рагæй цы фарстатæ тыхсын кæныц, уыдонæн райса дзуапп, йæ фидæны дæсныйад дæр бæтты космосон наутимæ.

Ацы скъола арæзт æрцыд, Аланы хуызæн уæларвон тыгъдады сусæгдзинæдтæ базонынмæ чи тырны, ахæм хъомылгæнинæгтæн. Стъалыты гуппар фенæн ис планетарийы цары бын. Ифтонг сты афтæ, æмæ сæ адæймаг раст цыма сæ æцæг хæстæгмæ уыныс. Уæдæ дзы уазджытæ дæр баззадысты разыйæ.

Планетæты сконд æмæ стъалыты гуыппар, ам алцыдæр ис базонæн æмæ фенын. Планетарийы цур сæвæрдтой, мин хатты чи хæстæг кæны, ахæм телескоп æмæ дзы фенæн ис æцæг стъалытæ. Космонавт Александр Лазуткин та космонавтикæйы скъолайæн балæвар кодта ахуыргæнæн æрмæджытæ – дунейы сконды тыххæй кинонывтæ.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй космонавтикæйы ног центрæн нæ бæстæйы æмбал нæй. Æмæ Битарты Вячеслав рахаста фæндон, цæмæй йын радтой проект аразæг Къомайты Русланы ном.

Зæгъæн ис, æмæ Цæгат Ирыстон цæттæ у космосон уæлæрвтæм рацæуынмæ, æмæ, цæмæй æнтыстджын уой, уый тыххæй та республикæйы разамынд архайдзæн сывæллæтты космонавтикæйы проекты дарддæры райрæзтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania