филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:52 пятница, 26 апреля 2024
18 февраля 2020, 12:53
Цæгат Ирыстоны СПИДы ныхмæ тохы æмæ профилактикæйы Центры специалисттæ адæмимæ кæнынц æмбарынгæнæн куыст

Уарзондзинад æмæ кæрæдзиуыл æнувыддзинад хъæуы хъахъхъæнын

Иу хъуыддаг у хи цæстфæлдахджытæй бахъахъхъæнын,  иннæ та – æнæниздзинадыл аудын. Фæлтæрдджын дохтыр Хæдарцаты Жаннæ медицинон дæсныйад райста 25 азы размæ, уыдонæй 13 азы кусы СПИД æмæ инфекцион низтимæ тохы æмæ профилактикæйы центры хайады сæргълæууæгæй. Центр æмæ йæ архайды тыххæй бæлдвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Цыбыр рæстæгмæ низы хатдзæгтæ. Спиды ныхмæ тохы æмæ профилактикæйы центры базонæн ис æнæниздзинады уавæр. Лаборатори ифтонг у нырыккон кусæнгæрзтæй. Ам канд вирусон низтæ нæ бæрæг кæнынц, фæлæ æндæр инфекцитæ дæр.   

Ультрозвукы иртæстыты нырыккон аппаратæн республикæйы æмбал нæй. Центр ифтонг у æппæт хостæй, дæттынц сæ рецепттæм гæсгæ. 13 азмæ коллектив систы æнгом æмæ кæрæдзийæн уарзон. Сты республикæйы медицинон кусæнуæтты хуыздæртæ. Сæ иу инфекцион низты дохтыр Хæдарцаты Жаннæ. Йæ фæллойы фæндаг у 25 азы.

Дохтыры дæсныйад зæрдæйæ уарзын хъæуы, зæгъы Хæдарцаты Жаннæ. Абон разы у, цы дæсныйад равзæрста, уымæй. Фæсмон нæ кæны, 13 азы размæ центры къæсæрæй кæй бахызт, ууыл дæр. Амы рынчынтæ хуымæтæг не сты æмæ сæм хуымæтæг цæстæй кæсæн нæй.

Центры кусыджытæ стыр профилактикон куыст кæнынц. Базаргæнæнты арæх саразынц акцитæ. Кæнынц æмбарæнгæнæн куыст дæр.

Абон фылдæр адæм дæттынц анализтæ, цæмæй сбæрæг кæной сæ  имуннон дефициты статус. вæййы æмæ бонмæ æрбацæуы 50 адæймаджы. Уый та ууыл дзурæг у æмæ дзыллæ æууæнды амы центры кусджытыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania