филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:03 пятница, 26 апреля 2024
24 октября 2019, 12:30
Хæххон территориты райрæзты фарстайы Цæгат Ирыстон спайда кæндзæн Швейцарийы фæлтæрдзинадæй

Ууыл ныхас цыд Битарты Вячеслав æмæ Швецарийы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Ив Россье

Хæххон территориты райрæзты фарстайы Цæгат Ирыстон спайда кæндзæн Швейцарийы фæлтæрдзинадæй. Ууыл ныхас цыд Битарты Вячеслав æмæ Швецарийы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Ив Россье. Фæсарæйнаг бæстæйы хæххон фæзуаттæ ахсджиаг бынат ахсынц сæ экономикæйы. Цæгат Ирыстон та нырма уыцы фæндагыл лæуыд у æмæ Швецариимæ æмгуыст уыдзæн дыууæтæн дæр ахадгæ. Туризмы къабаз ахъаз уыдзæн экономикæйæн, загъта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уимæ æххæстбарджын минæварæн радзырдта Мамысоны фæзуаты тыххæй æмæ Швецайраг инвесторты архайд ацы проекты хорз фæрæз уаит. Ив Россье загъта ахæм курорт аразгæ стыр æргом аздахын кæй хъæуы хæххон территориты уавæрмæ – фæндæгтæ, тунельтæ, бæрзонд æмвæзадыл арæзт инженерон коммуникацитæ. Дзæуджыхъæу Уæрæсейы горæттæй  у йæ дыккаг уарзон горæт æмæ йын æхсызгон у æмгуыстады фарстатыл дзурын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania