филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:05 суббота, 27 апреля 2024
12 ноября 2019, 12:21
Иннæ аз 90 милуанæй фылдæр схардз кæндзысты хъæуты культурон объектты цалцæгæн

Республикæй бюджетæй бындуронæй сцалцæг кæндзысты Æрыдоны культурæйы Галуан

Иннæ аз 90 милуанæй фылдæр схардз кæндзысты хъæуты культурон объектты цалцæгæн. Республикæй бюджетæй бындуронæй сцалцæг кæндзысты Æрыдоны культурæйы Галуан. 2022-æм 2023-æм азты та Дигорайы сараздзысты культурон райрæзты центр, бахъæудзæн ын 150 милуан сомы. Ахæм бæрæггæннæты тыххæй фехъусын кодтой, республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразы разамындæй æмбырды. 2019-æм азы цалцæггонд фæуыдзысты Фарныхъæуы, Сечеры, Мызуры æмæ Нартыхъæуы культурæйы хæдзæрттæ. Афæдзы кæронмæ та эксплуатацийы ратдзысты Æхсæрысæры æмæ Заманхъулы культурæйы артдзæстытæ.

Культурæйы министр Къубалты Эльбрус куыд радзырдта, афтæмæй регионалон проект «Сфæлдыстадон адæм» æххæстгæнгæйæ фылдæр адæм ацыдысты дæсныйад уæлдæр кæныны ахуыртæ. Иннæ регионалон проект «Нымæцон культурæ» -йы нысан у виртуалон концерттæ, стæй экспозицион æмæ равдыстадон проекттимæ зонгæ кæнын. Афтæ республикæйы информацион технологиты æххуысæй Национ музейы фæзындзæн фыццаг мультимедиа-гид.

Æмбырды ма куыд загътой, афтæмæй 2024-æм азмæ 6 ахуыргæнæндоны сифтонг кæндзысты музыкалон инструменттæй, кусæнгæрзтæй æмæ чингуытæй. Бахъуæдзæн сын 14 милуанæй фылдæр. Иннæ аз ма нысан кæнынц сывæллæтты театр «Саби» бындуронæй сцалцæг кæнын. Уый фæдыл культурæйы министрадмæ хаст æрцыдысты æппæт хъæугæ гæххæттытæ, сæ иумæйаг аргъ у 32 милуан сомæй фылдæр. 

Æмбырды кæронбæттæн Тускъаты Таймураз скодта хатдзæг – национ проект «Культурæ» царды куыд æххстгонд цæуы, уымæ æппынæдзух хъæуы цæстдарын æмæ йын кæнын хатдзæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania