филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:19 суббота, 27 апреля 2024
27 апреля 2020, 17:28
Италийы йæ цардæй ахицæн зындгонд журналист, Ирон адæмы иузæрдион хæлар, Джульетто Кьеза

Архайдта Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй рæстдзинад дунеон æхсæнадмæ фæхæццæ кæныныл

Италийы йæ цардæй ахицæн зындгонд журналист, Ирон адæмы иузæрдион хæлар, Джульетто Кьеза. Европарламенты раздæры депутат, йæ тыхтыл нæ ауæрдгæйæ, архайдта Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй рæстдзинад дунеон æхсæнадмæ фæхæццæ кæныныл. Журналист арæх уыдис Хуссар Ирыстоны, пресс-конференциты рæстæг та-иу дзырдта ирон адæммæ уарзондзинады тыххæй.  Хуссар Ирыстоны хæстмæ йæм уыдис йæхи цæстæнгас. 2017-æм азы хуссарирыстойнаг парти «Иугонд Ирыстон» æмæ италиаг парти «Альтернатива для Европы» бафыстой æмгуыстады бадзырд. Джульетто Кьеза амардис зæрдæйы низæй. Цыдис ыл æстай азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania