филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:51 пятница, 26 апреля 2024
02 октября 2019, 12:20
Нæ республикæйы радон хатт арæзт цæуынц дæсныйад æвдисæг ахуыртæ

Кусæг дæсныйæдты æрвылазон чемпионат World skills Russia æрæмбырд кæны дæсгай архайджыты.

Нæ республикæйы радон хатт арæзт цæуынц дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Кусæг дæсныйæдты æрвылазон чемпионат World skills Russia æрæмбырд кæны дæсгай архайджыты. 2019 азы регионалон къæпхæнмæ цæттæ кæнгæйæ равдыстой стыр бæрнондзинад.

Æрыдойнаг æрыгон кондитерты ерыстæм цæттæ кæны профессионалон кондитер Краснодарæй. Свеланæ Лапинæ дыккаг хатт архайдзæнис World skills. Фарон дзы уыдис куыд хæринагггæнæг, ацы хатт та йæхи бафæлвардзæн кондитеры дæсныйады. Александр Щикарев ын йæ фæлтæрддзинадæй кæй фæхай кæндзæн, уый нымайы хуыцауы хорзæхыл. Йæхиуыл куы нæ бацауæрда, уæд уæлахиз йæ къухы бафтдзæн.

Гуылтæ нæ, фæлæ æцæг скульптурæтæ шоколад æмæ сыгъд сæкæрæй. Æрмдæсныты дæсныдзинад чи баурома, ахæм тых нæ разындзæн. Кæд æмæ æддаг бакастæй сыгъд сæкæр рæсугъд æмæ цымыдисаг хъацæн у, уæддæр йемæ хъæуы хъавгæйæ архайын. Цæмæй йæ хуыз æмæ йæ ад куыд æмбæлы, афтæ рауайой, уый тыххæй хъуамæ уа тынг тæвд.

Фондз боны дæргъы адджинæгты сфæлдыстады дæсны студентты ахуыр кæндзæнис сыгъд сæкæр, шоколад,онроме æмæ æндæр диссаджы хъацæнтимæ архайын. Александр куыд зæгъы, афтæмæй дæ дæсныйад зæрдæйæ куы уарзай, уæд дын сæкæры къæртт дæр мыдау сфæлмæн уыдзæн.

World skills регионалон къæпхæн райдайдзæнис 21 октябры. Æрыдонæй дзы архайдзæнис фондз адæймаджы. Адджинæгты дæсныты ерыс куыд цæудзæнис, уый тыххæй уын радзурдзыстæм фæстæдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania