филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:45 пятница, 26 апреля 2024
13 ноября 2019, 18:03
Программæ «Земский доктор» –ы фæрцы республикæйы хъæуты цæрджытæн лæггад кæнын райдыдта 125 медицинон кусæджы

Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад бацæттæ кодта æмæ арвыста федералон ведомствæмæ курдиат, цæмæй сæ баххæст кæной 12 дохтырæй æмæ 4 фельдшерæй.

Сæрмагонд программæ «Хъæуты кусæг дохтыр» Паддзахадон Думæ сфидар кодта 2010-æм азы ноябры. Уæдæй фæстæмæ кæны парахатдæр. Уыимæ йын хорз æнтыстдзинæдтæ ис нæ регионы дæр. Уæвгæ та, программæ æххæстгæнæгæйæ, Цæгат Ирыстоны хъæуты арæзт цæуынц фельдшерон-акушерон пункттæ, цалцæг кæнынц амбулаторитæ, æмæ сæ ифтонг кæнынц нырыккон кусæнгæрзтæй. Программæйы мгъуыдмæ республикæйы хъæуты куысты бынæттæ ссардтой 125 адæймаджы. Сосранты Жаннæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Бирæгъты Виктория программæ «Земский доктор»-ы фæрцы  адæмæн лæггад кæнын  райдыдта. Дохтыры куыст кæны  Майскæйы. Кæд куыстмæ Дзæуджыхъæуæй цæуы, уæддæр нæ зивæг кæны. Ацы программæйæ æрыгон дохтырæн баххуыс кодта йæ къæхтыл фидардæр слæууынмæ. Лæвæрд ын æрцыд иу милуан сомы. 

Виктория 6 азы дæргъы куыста стырдæр куыстуаты, фæлæ ам бамбæрста, алы адæймагмæ  хицæнæй æркæсыны фадат дохтырæн куы уа, уæд уый куыд ахсджиаг у. Вæййы афтæ дæр æмæ йæм бонмæ æххуысагур æрбацæуы 30 адæймаджы онг. 

Программæ «Земский доктор» –ы фæрцы республикæйы хъæуты цæрджытæн лæггад кæнын райдыдта 125 медицинон кусæджы. Фæткмæ гæсгæ хъæуы æмбулаторийы æрыгон дохтыр хъуамæ бакуса 5 азы.

Специалисттæн хъæуты арæзт цæуы æппæт фадæттæ дæр – цалцæггонд æмæ арæзт цæуынц ног  амбулаторитæ æмæ акушерон пункттæ.  Уыдон ифтонггонд цæуынц ног кусæнгæрзтæй æмæ хъæугæ  хостæй.

Программа «Земский доктор»-ы куыст Цæгат Ирыстоны  ныридæгæн радта хорз бæрæггæнæнтæ, фæлæ ма уæддæр хъæуты нæ фаг кæны медицинон кусджытæ. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад бацæттæ кодта æмæ арвыста федералон ведомствæмæ курдиат, цæмæй сæ баххæст кæной 12 дохтырæй æмæ 4 фельдшерæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania