филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:59 среда, 08 мая 2024
18 августа 2020, 12:51
Рауагъдад «Ир»-ы цæттæ кæнынц ног чингуыты рацыдмæ

Баст уыдзысты Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азимæ

Рауагъдад «Ир»-ы цæттæ кæнынц ног чингуыты рацыдмæ. Баст уыдзысты Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азимæ. Æдæппæтæй 2020-æм азы хъуамæ мыхуыры рацæуой 17 чиныджы. Ахæм хъуыды рацыд мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты хъæппæрисæй. Уыцы хъуыддагæн федералон æмæ республикон бюджетæй радих кодтой 5 милуан сомæй фылдæр. Ныры онг тиражмæ цæттæ сты дыууæ чиныджы. Экземпляртæ хъуамæ цæттæ уой сентябры. Фæззæджы кæронмæ ма уагъд æрцæудзысты ноджыдæр 2 чиныджы. Хæстæгдæр рæстæг ма рацæудзæн журнал «Чырыстон цард».

Тъехты Тамерлан, рауæгдад «Ир»-ы сæйраг редактор: «Мæ бон зæгъын у, рухс кæй фендзæнис журнал «Чырыстон цард» зæгъгæ, ахæм журнал цыдыс,æмæ уыцы журналы репринты хуызы уагъдæй, иу азæн, 1911 азы цы номыртæ рацыдысты уыцы журналæй, уыдон репринты хуызы уагъд æрæудзысты. Цымыдиссаг æрмæг у, тынг цымыдиссаг, кæй зæгъын æй хъæуы зын ссарын æрмæг у. Уал азы рацыд, æмæ библиотекæты дæр нал ис. Райсæн уыдзын, æмæ бакæсæн уыдзæн уыцы чырыстон цард цавæр журнал уыди,цæуыл дзы цыди ныхас, чи дзы фыста æмæ æппæтт уыдæттæ».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania