филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:36 пятница, 26 апреля 2024
26 сентября 2019, 17:00
Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы хатдзæгтыл ныхас цыди Хицауады цур куыстуæтты хсæн къамисы æмбырды

Ацы аз рæзгæ фæлтæр сæ фæллад суагътой 170 алыхуызон лагеры. Уыдоны хсæн Цæгат Ирыстоны хæхбæсты, иннæ республикæты æмæ Сау Денджызы былыл дзæбæхгæнæндæтты.

Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы хатдзæгтыл ныхас цыди Хицауады цур куыстуæтты хсæн къамисы æмбырды.

Ацы аз рæзгæ фæлтæр сæ фæллад суагътой 170 алыхуызон лагеры. Уыдоны хсæн Цæгат Ирыстоны хæхбæсты, иннæ республикæты æмæ Сау Денджызы былыл дзæбæхгæнæндæтты. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрады программæмæ гæсгæ, 15 мин сывæллоны лагерьтæм путевкæтæ райстой лæвар. Фыццаг уал путевкæтæ радтой зын социалон уавæрты чи бахауди, ахæм сывæллæттæн, инвалидтæн, æмæ сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн. Легерты фæлладуадзыны хъуыддаг баиу кодтой хъомыладон куыстимæ. Уый, рæзгæ фæлтæрмæ сфæлдыстадон гæнæнтæ æргом кæнын, стæй патриотизм. Уый хыгъд, 4 сæдæ сывæллоны та фæдлладуадзыны бæсты равзæрстой фæллойы фæндагыл æрлæууын. Куысты бынæттæ радтой 14 азæй 17 азы онг кæуы цæуы, ахæм æнахъом сывæллæттæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania