филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:18 пятница, 26 апреля 2024
14 июля 2020, 16:58
Сочийы центрæй раззагазиаг леопардтæ хъæддаг æрдзмæ рауадзын фæнд кæнынц августы

Семæ кусынц сæрмагонд тесттæм гæсгæ.

Сочийы центрæй раззагазиаг леопардтæ хъæддаг æрдзмæ рауадзын фæнд кæнынц августы. Уæдмæ та уал лæппын леопардты хъæуы бирæ хъуыддæгтыл сахуыр кæнын, сæйрагдæр та уый, æмæ цæмæй хи хъарутæй зоной æрдзон уавæрты цæрын, стæй адæймагæй хи дæрдтыл ласын. Æрвылбон ахуыргæндтæ сæ цæст дарынц, алыхуызон уавæрты сæхи куыд дарынц, уымæ. Семæ кусынц сæрмагонд тесттæм гæсгæ.

Ахсджиаг у, цæмæй леопардтæн æнæкъуылымпыйæ сæ бон уа хъæддаг æрдзы цæрын, уыимæ, хъуамæ адæмæн тæссаг дæр ма уой. Ахуырты фæстæ сырдтыл бакæндзысты, спутникæй чи кусы, ахæм хъуырылдарæнтæ, уыцы ногдзинæдтыл сахуыр уæвынæн дæр сын хъæуы рæстæг раттын. Ауаддзысты сæ Цæгат Ирыстоны территорийы æмæ Кавказы паддзахадон æрдзон биосферон фæдзæхст бынаты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania