филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:41 пятница, 26 апреля 2024
26 ноября 2020, 11:56
Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады специалисттæ пъæлицæйы кусджытыимæ иумæ аразынц рейдтæ

Бæрæг кæнынц, нæзы бæлæстæ æнæзакъонæй кæм калынц, ахæм бынæтт

Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады специалисттæ пъæлицæйы кусджытыимæ иумæ аразынц рейдтæ, æмæ бæрæг кæнынц, нæзы бæлæстæ æнæзакъонæй кæм калынц, ахæм бынæттæ. Сæ цæст дарынц Дзæуджыхъæуы, Мæздæджы, Алагиры, Æрæфы æмæ Кировы районты хъæды хæдзарæдтæ. Ацы аз уал закъонхæлдтытæ нæ раиртæстой. Фæлæ ведомствойы специалисттæ се ппæты зæрдыл дæр лæууын кæнынц – æнæзакъон архайд чи кæна, уыдон æфхæрд æййафдзысты административон æгъдауæй. Фидын сын кæндзысты ивар 4000 сомы. Уголовон бæрнондзинад та фæткхалæг банкъардзæн, 5000 сомæй фылдæрæн зиан куы рхæсса, уæд.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania