28 января 2020, 17:30
Цæгат Ирыстоны ацы аз байгом уыдзæн экологон-рухстауæн центр
Сараздзысты йæ, национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ
Цæгат Ирыстоны ацы аз байгом уыдзæн экологон-рухстауæн центр. Сараздзысты йæ, национ проект «Экологи» æххæст кæнгæйæ. Центры сæйраг нысан у экологон туризмæн хорз уавæртæ скæнын, æмæ уыцы хъуыддагыл хæстæгдæр хъæуты чи цæры, уыцы адæмы бафтауын. Уымæй уæлдай бакусдзысты туристон инфраструктурæйы райрæзтыл. Проекты руаджы байгом кæндзысты æрдзон къахвæндæгтæ. Сæ фылдæр уыдзысты тематикон маршруттæ. Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй фарон национ парк Аланийы байгом дыууæ экологон къахвæндаджы Байрадийы æмæ Галдуры донхауæнтæм.