филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:24 пятница, 26 апреля 2024
12 ноября 2019, 18:02
Цæгат Ирыстоны делегаци архайдта сæрмагонд форумы Магасы

Баст уыд сывæллæтты киноимæ

Уæрæсейы кинематографистты цæдисы цæгаткавказаг хайады сæрдар Гулуты Вячеслав æмæ сывæллæтты сфæлдыстадæн æххуысы Фонд «Эрассик»-ы директор Ирина Белова Магасы архайдтой сæрмагонд форумы. Баст уыд сывæллæтты киноимæ. Фембæлд арæзт уыд æппæтадæмон фестиваль «Золотая башня» æххæст кæнгæйæ. Цæгат Ирыстон уыд иунæг республикæ Цæгат Кавказы федералон зылдæй, сывæллæтты кино бæрзонд æмвæзадыл кæм ис, ахæм. Ирина Белова куыд радзырдта, афтæмæй скъола «Эрассик»-ы æвзонг журналистты куыстытæ систы куыд дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, афтæ. Уæвгæ та мадзалы архайдтой Цæгат Кавказы æппæт республикæты минæвæрттæ, стæй уазджытæ Мæскуыйæ æмæ æппæтадæмон медиафестивальты разамонджытæ. Се ппæт дæр æрныхас кодтой ахсджиаг фарстатыл. Се хсæн – сывæллæтты ргом кино исыны хъуыддагмæ здахын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania