филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:13 пятница, 26 апреля 2024
12 ноября 2019, 12:25
ЦИПУ-йы байгом кодтой цыртдзæвæн персайнаг поэт, поэмæ «Шахнаме»-йы автор Фирдоусийæн

Кадджын мадзалы архайдтой Ираны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Мехди Санаи

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты наукон библиотекæйы æмæ историон факультеты бæстыхайы бакомкоммæ байгом кодтой цыртдзæвæн зындгонд персайнаг поэт, поэмæ «Шахнаме»-йы автор Фирдоусийæн. Кадджын мадзалы архайдтой Ираны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Мехди Санаи. Уæвгæ, цыртдзæвæн Дзæуджыхъæуы байгом кæныны хъæппæрис дæр уымæ разынди. Нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй уæрæсейаг-ирайнаг æмгуыстады бадзырдтæм гæсгæ ма Ираны нысан кæнынц ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы бюст байгом кæнын дæр. Ираны республикæйы минæварады уæнгтæ архайдтой, историон факультеты цы фембæлд арæзт æрцыд, уым дæр. Ныхас кодтой регионалон иртасæн куыстыл, æмæ Ираны наукон организацитимæ æмархайдыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет 2016-æм азæй фæстæмæ активонæй æмгуыстад кæны Тегераны  Алламе Табатабаи номыл Университетимæ. Студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ арæх зонгæ кæнынц сæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ.

Цыртдзæвæн байгом кæнын бантыст Ираны æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн бадзырд бафыссыны фæрцы. Культурон ахастдзинæдтæй дарддæр ма æнгом æмгуыстад цæудзæн туристон къабазы дæр. Ацы аз Дзанайты Барис æмæ Ираны республикæйы минæвæрттæ æрныхас кодтой фидæны æмархайдыл дæр. Æххæстбарджын минæвар куыд загъта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг ацы куыст равдисдзæн хорз æнтыстдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania