филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:28 пятница, 26 апреля 2024
11 сентября 2020, 12:29
Уататы Аннæйы куклатæ фенæн ис Дзæуджыхъæуы нотæты библиотекæйы

Алы хуызон сурæттæ æмæ аллы бæстæтимæ баст куклатæ дзы æрбынат кодтой мæйы кæронмæ

Чи зоны æмæ æнустæ куы рацæуой, уæд куклатæ аразæг Уататы Аннæйы куыстытæ дæр бынат ссардзысты национ музейы. Фæлæ абон та йæ къуыхтæй конд куклатæ фенæн ис Дзæуджыхъæуы нотæты библиотекæйы. Алы  хуызон сурæттæ æмæ аллы бæстæтимæ баст куклатæ дзы æрбынат кодтой мæйы кæронмæ.

Уататы Аннæйæн йæ куклаты коллекци у , йæхæдæг кæй сфæлдыста, ахæм æнæхъæн дуне. Ам йæ алы цæрæгæн дæр ис йæхи ном, адæмыхатт æмæ удыхъæд дæр.  Зæгъæм, ай у Африкæйæ кукла. Ис дзы Голливуды цæрджытæ дæр. Фæлæ Аннæ йæхæдæг хъулон уарзт кæны Советон Цæдис чи хуыйны, уыцы æмбырдгондæй. Куклатæ сты раздæры цæдисы республикæты минæвæттæ.

Куклатæ аразын Аннæ бæллыдис йæ сабийы бонтæй. Йæ æмбырдгонды ис сæдæ куклайы бæрц. Иу дзы  иннæйы хуызон нæу. Аннæ куыд зæгъы, афтæ нырыккон авторы конд кукла нымад у сфæлдыстады хицæн хуызыл. Хъæуы дзы спайда кæнын дизайн, ахорæнтæй æмæ ма суанг авторæн йæхи удыхъæды миниуджытæй дæр.

Кукла саразыны размæ автор бæлвырд ахъуыды кæны йæ фидæны фæлгонцыл. Куклатæ раст адæймæгты хуызæн сты. Аннæ сын æрхъуыды кæны цæсгомы фæлгонц, уæлæдарæс, буары конд. Экспозици ис фенæн мæйы кæронмæ, Дзæуджыхъæуы нотæты библиотекæйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania