Проекты мидис у уый, цæмæй хи хъармгæнæн системæмæ чи рахызти, уыцы адæмы бирæфатерон иумæйаг нымайæнты фиддонтæй суæгъд кæной.
Æмбырдæн разамынд лæвæрдта РЦИ-А Хицауады сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег.
Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 10% фылдæр.
Йæ кандидатурæйы фарс рахæцыдысты организацийы дзуапдæттæн æмбырды.
Демографийы уавæр хуыздæрырдæм аивын, чысыл бизнесы рæзтыл кусын æмæ адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын. Ахæм амындтытæ абон хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радта Горæтгæрон районы социалон-экономикон рæзты æмбырды. Бынæттон администрацийы хатдзæгтæ скодтой ивгъуыд азы куыстæн, стæй сæвæрдтой фидæнмæ нысантæ дæр. Сæ сæйраг хæс у экономикæйы рæзтыл кусын. 2018-æм азы Горæтгæрон район бакуыста 400 милуан сомæй фылдæр. […]
Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд республикæйы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбегимæ. Министр радзырдта Уæрæсейы хъæууон хæдзарадимæ, кæсаджы куыстгæнæн агентадимæ æмæ агропромышленнон лизинджы компаниимæ цы фарстатыл кусынц, уый тыххæй. Уыимæ фехъусын кодта Цæгат Ирыстонмæ ссæуинаг кæй сты Уæрæсейы касагахсджыты разамынд æмæ бынаты æркæсын нæ республикæйы гæнæнтæм. Абоны онг ацы къабазы райрæзтмæ цæуы инвестицитæ. Уымæ […]
Йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ къуырийы æмгъуыдмæ Рахизфарсы районы Раздзоджы хъæуæн, амы цæрджыты уæлдай цæхгæр хъæуы паддзахадон æххуыс, сараздзысты фыццаградон фарстаты программæ.
Тъæмисчъы цæуы æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй». Райдыдта 1-æм июны. Проекты архайы 210 адæймаджы Цæгат Кавказы федералон зылдæй, Санкт-Петербургæй, Калининградæй, Грекъæй, Казахстанæй, Кыргызстанæй, Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Се хсæн сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы фæсивæд дæр. Фондз боны сын специалисттæ араздзысты ахуырадон тренингтæ, архайджытæ фембæлдзысты æхсæнады минæвæрттимæ, спортсментимæ, артисттимæ. Уымæй уæлдай […]
ЦИПУ-йы конференцион залы Таймазты Артур фембæлд фæсивæдимæ. Архайдтой дзы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ, волонтертæ, алы ведомствæты кусджытæ. Ацы фембæлд фыццаг нæу. Ацы хатт фæсивæды базонын фæндыди завод «Электроцинк» сæхгæныны хъуыддаджы депутаты роль, республикæйы сывæллæтты фæлладуадзæн кампани, стæй бирæ æндæр фарстатæ. Уæлдай тынгдæр се ргом аздæхтой, Олимпиадæйы не мзæххон хъæбысæйхæцджыты архайдмæ. Депутаты ныхæстæм гæсгæ, Олимпиадæйы размæ афæдз […]
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ цалдæр азы кæсынц нæ республикæйы фæндæгты уавæрмæ. Æрæджы бабæрæг кодтой Рахизфарсы æмæ Алагиры районты фæндæгтæ. Кастысты къахвæндæгтæм дæр. Беслæны, Сиговы уынг у сæйраг уынгтæй иу. Ауылты цæуынц æфсæнвæндаджы вокзалмæ, уымæ гæсгæ йыл цæуы бирæ машинæтæ æмæ тагъд фехæлы. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон уæнгтæ кæсынц дзыхъхъытæм æмæ бæрæг кæнынц сæ […]